✨Зынаргъ æмбæлттæ, абон, 15 майы, арфæ уын кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны.
Бæрæгбоны датæ æвзæрст нæу æнæнхъæлæджы: 15 майы 1899 азы рухс федта ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æмбырдгонд «Ирон фæндыр», ирон литературæйы хæзнайыл растæй нымад чи у.
Ирон æвзаг — нæ адæмон культурæйы бындур æмæ хъахъхъæнæг, зонд æмæ зонындзинæдты суадон. Ацы бон, 15 майы, Ирыстоны æмæ æппæт бæстæйы дæр цæуынц ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ рæзын кæнынæн нысангонд мадзæлттæ (Глобалон диктант ирон æвзагыл, концерттæ æмæ æмдзæвгæты конкурстæ).
МГИМО-йы Алайнаг æмбалад бæрæгбонæй арфæ кæны! Ирон æвзаг рох ма кæнут, иронау дзурут, ирон æвзаг уарзут! 🤍❤️💛

8
3
2
1
1
1May 15, 2026 337 1