Сæркъулæй сисæм, хорз адæм, нæ худтæ, -
Нæ кæнынц арвыл урс цъиутæ пæр-пæр:
Тæхынц дзæнæтмæ сабитæн сæ удтæ,
Кæнынц ма «дон-дон!» артсыгъдæй уæддæр.
Нæ гыццыл хуртæ, ныр уыдзæн уæ хъазæн
Дзæнæты цъæх нæуу — ирд æмæ фæлмæн.
Уыдзæн уын фаг йæ сау суадонæй нуазæн,
Йæ дыргътæй уын хæрыны бар уыдзæн...
Нæ Хурты Хур, зæрин пæлæз куыд дарыс?
Нæ мадæлтæ зæрддзæф куы сты... Дæддæй,
Нæ чызджытæн сæ урс фæлыст — сæ дарæс
Цæмæн фестади сау мæрддзаг сыгъдæй!
Цы мæ бон у... Дзæнæты маргъ уын зардзæн,
Уæ дидинджытыл хъаздзæни æртæх.
Уæ рухс ном уын фæстаг зæххон дæр ардзæн,
Нæ уын халдзæн уæ рухс æнцой фыдæх...
Джыгкайты Шамил
#Беслансейчас #Мыпомним

