Газет "Дигорæ" / Газета "Дигόра/Digoræ": post #3416 — TG.ME

СӔРДӔ

Сӕрдӕ тӕмӕнтӕ калуй...
Ӕ федауцӕ - деденӕг.
Хор нӕ арвӕй ӕртавуй.
Фӕууй сӕрди игъӕлдзӕг.

Кадӕр гъӕумӕ фалледзуй,
Кадӕр денгизмӕ цӕуй.
Ка зокъотӕ фӕууедзуй
Гъӕди къохи ку фӕууй.

Рӕстӕггай, ба аруаруй,
Фӕххинцуй зӕнхӕ
донӕй.
Уомӕл бӕлӕсти гъаруй,
Ирӕзуй рӕзӕ уомӕй.

Сӕрдӕ нӕбӕл уозӕлуй.
Ӕрмӕст ӕрхъӕртуй фӕззӕг.
Хуар нӕ гомти никкӕлуй -
Исцӕттӕ уй нӕ тиллӕг.

Малити Ф. 🤍
2025г
👍6🔥1
August 12, 2026 100 1